Домбай (лат. Bison bonasus) у бизонты мыггаджы Европæйы æмбæлæг хуыз; хауы дысæфтæгонты къорды тутсыкъаджынты бинонадмæ.
Домбай у америкаг бизоны æнгæсæн, æмæ уымæн æнæкъуылымпыйæ кæнынц гибридизаци. Уый охыл сæ арæх хæссынц иу хуызмæ.
Дзырд
Дзырд домбай ис кавказаг адæмты æвзæгтæй бирæты. Асыйаг (балхъайраг) æмæ хъæрæсейаг æвзæгтыл хъуысы доммай, кæсгонау — домбей, гуырдзиагау — домба (დომბა), свайнагау — домбæй æмæ амоны æрмæстдæр зубр. Сари ныртæккæ дæр стыр æмæ тыхджын богъы хонынц домбай.
