Уильям Генри Гейтс III (англ. William Henry Gates III; 1955-æм азы 28 октябры, Сиэтл), фылдæр Билл Гейтс (англ. Bill Gates) кæй хонынц, у америкаг амалиуæгдар; компани «Майкрософты» сфæлдисджытæй иу (Пол Алленимæ). 2008-æм азы июньмæ уыд «Майкрософты» разамонæг, стæй ацыдис уыцы бынатæй, баззадис ма компанийы директорты советы. У хæрзаудæны Билл æмæ Мелиндæ Гейтсы фонды æмхицау, Cascade Investment-ы генералон директор.
1996-æм азæй 2007-æм азы онг, стæй ноджы 2009–2016 азты уыд дунейы тæккæ хъæздыг адæймаг журнал Forbes-мæ гæсгæ. 2020-æм азы кæронмæ йæ иумæйаг мулк уыд 119 миллиард доллæрæй фылдæр. 31 миллиардæй фылдæр бафыста хæрзаудæнмæ.
Гейтс райгуырдис Сиэтлы, корпоративон адвокаты бинонты ’хсæн. Ис ын дыууæ хойы. Ахуыр кодта Сиэтлы хуыздæр скъолайы — Лейксайды, 13-аздзыдæй ныффыста йæ фыццаг компьютерон программæ.
